Хуссар Иры Знауыры районы ссардтой хæстæрмæджытæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik. Знауыры районы Додоты хъæуы цур ссардæуыд хæстæрмæджытæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"МСНК инженерон-техникон дæлхайады кусджытæ ссардтой РПГ-26, 7,62 калибры нæмгуытæ æмæ рæмудзæн æрмæг тротилы 3 шашкæйы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Барадхъахъхъæнæг органы бафтыдтой, зæгъгæ, ссаргæ хæстæрмæджытæ радтой УУМ кусджытæн, цæмæй сæ скуынæг кæной.