Джуссойты Константин æмæ Дмитрий Патрушев æрдзырдтой Мæскуыйы аграрон комплексы фарстытыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Джуссойты Константин кусæгон балцы фæлгæтты Мæскуыйы æрдзырдта Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министр Дмитрий Патрушевимæ дыууæварсон æмгуыстады фарстытыл агросæудæджерадон комплексы. Уый тыххæй хъусын кæны хицауады пресс-службæ.
Джуссойты Константин æмæ Дмитрий Патрушев æрдзырдтой Мæскуыйы аграрон комплексы фарстытыл
Фарсытæ æрдзырдтой дыууæварсон æмгуыстад рауæрæх кæныныл 2022-2025 азтæм Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты Паддзахадон программæйы реализацийы фæлгæтты. Сæ нымæцы паддзахадон æххуыс хъæууон хæдзарады чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæн, афтæ ма цæттæ кæнын агросæудæджерадон комплексы квалификацигонд кадртæ Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты базæйыл.
Патрушевы ныхæстæм гæсгæ, дыууæ азмæ хъæууонхæдзарадон æмæ хæлцадон продукцийы æрбаласт бæстæты æхсæн фæфылдæр ис дыууæ хатты. Фылдæр кæны куыд экспорт, афтæ импорт дæр. Райтынг сты ахастытæ æмгуыстады æндæр здæхтытыл дæр агросæудæджерадон комплексы къабазы.