Цхинвалы сылгоймаг фæхъæстæ ис газæй, уый фæхæццæ кодтой рынчындонмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны микрорайон "Шанхай"-ы сылгоймаг фæхъæстæ ис угарон газæй, уый бакодтой реанимацийы дæлхайадмæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.

"Æртыццæджы, 13.34 сахатыл, УУМ радгæсон хайадмæ бацыд хъусинаг, Хуссар Ирыстоны æмбæстаг кæй фæхъæстæ ис угарон газæй микрорайон "Шанхай"-ы Хъуылаты Созырыхъойы уынгыл", - дзырдæуы хъусинаджы.

Цауы бынатмæ ацыдысты газы службæйы кусджытæ æмæ УУМ ирвæзынгæнджытæ. Газы ахъуызыды аххосæгтæ бæрæг кæнынц специалисттæ.