Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта арӕнхъахъхъӕнджыты хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арӕныл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) Арӕнгӕрон службӕйы сӕвзӕрды боны бӕрӕгбоны хӕдразмӕ президент Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта арӕнхъахъхъӕнджыты, кӕцытӕ службӕ кӕнынц хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арӕны Уисты хъӕуы фадыджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.
Паддзахады сӕргълӕууӕгимӕ уыдысты ПӔК сӕргълӕууӕг Олег Ширан ӕмӕ ПӔК Арӕнгӕрон службӕйы разамонӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Алиханты Валерий.
Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта арӕнхъахъхъӕнджыты хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арӕны
Алиханты Валерий радзырдта Уӕлдӕр командӕгӕнӕгӕн оперативон уавӕры тыххӕй арӕны ацы фадыгыл. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕнхъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдтой информацион нысӕнттӕ паддзахадон арӕны хаххыл.
Гаглойты Алан ма басгӕрста фельдшерон-акушерон пункт, фехъусын йын кодтой уагдоны кусджыты проблемӕтӕ.
Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта арӕнхъахъхъӕнджытӕн Арӕнгӕрон службӕйы сӕвзӕрды боны цытӕн ӕмӕ сын бузныг загъта сӕ куыст ӕмӕ службӕйӕн иузӕрдыгдзинады тыххӕй.
"РХИ ПӔК Арӕнгӕрон службӕйӕн ис ахсджиаг бынат Республикӕ Хуссар Ирыстоны националон ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы. Бынаты базонгӕ дӕн уавӕримӕ ӕмӕ сын рӕстӕмбис аргъ скодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис фарстытӕ, кӕцытӕ мах скъуыддзаг кӕндзыстӕм. Уырны мӕ, арӕнхъахъхъӕнджытӕ дарддӕр дӕр сӕ тыхтӕ кӕй дӕтдзысты паддзахадон арӕны стабилондзинад ӕмӕ фӕтк сӕххӕст кӕнынӕн", - загъта президент.
Гаглойты Алан арӕнхъахъхъӕнджытӕн балӕвар кодта тепловизор, афтӕ ма сын радта хӕлцадон продукттӕ.
Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта арӕнхъахъхъӕнджыты хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арӕны