Æдасдзинады гарант. Гаглойты Алан раарфæ кодта Хуссар Иры ПÆК Арæнгæрон службæйæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) Арæнгæрон службæйы кусджытæн уагдоны сæвзæрды 18-æм афæдзыбоны цытæн.
Президент бахахх кодта, паддзахадон арæны хъахъхъæнынад у иууыл бæрнондæр æмæ уæззаудæр хæслæвæрдтæй иу.
"Уæ профессионалондзинад, цырддзастдзинад æмæ арæхстджын архайдимæ баст у фæтк æххæст кæнын арæнгæрон зонæйы, бæстæйы территориалон иудзинад фехæлдтæ æмæ æнæзакъонон миграцийы ныхмæ тох. Арæнхъахъхъæнджытæ сты паддзахады æдасдзинады гарант", - дзырдæуы арфæйы телы.
Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта арӕнхъахъхъӕнджыты хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арӕныл
Гаглойты Алан фидарæй загъта, ПÆК Арæнгæрон службæйы кусджытæ дарддæр дæр цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзысты сæ хсæлæвæрдтæ.
Президенты зæрдæ сын загъта фидар æнæниздзинад, амонд æмæ æнтыстытæ сæ профессионалон архайды РЕспубликæ Хуссар Ирыстоны хæрзæбонæн.