Хуссар Иры МХМ снысан кодтой хисӕрмагонд ӕдасдзинады дӕлхайады ног сӕргълӕууӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 фев – Sputnik. Кусджытимӕ кусыны фӕдыл дӕлхайады хистӕр Джиоты Созыр бавдыста Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) хисӕрмагонд ӕдасдзинады дӕлхайады кусджытӕн ног сӕргълӕууӕджы – милицийы капитан Гуыцмӕзты Валерийы. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
Гуыцмӕзты Валерий
"Гуыцмӕзты Валерий хорз зонгӕ у мидхъуыддӕгты органты куыстимӕ. Службӕйы рӕстӕджы йӕхи равдыста куыд цӕсгомджын, принципиалон ӕмӕ рӕстаг адӕймаг. Дӕ кусджытимӕ ды дӕ цӕст дардзынӕ, цӕмӕй уагдоны кусджытӕ ӕххӕст кӕной закъонад ӕмӕ дисциплинӕ", - загъта Джиоты Созыр.
Гуыцмӕзты Валерий куыста алыгъуызон бынӕтты Гӕззаты Валерийы номыл Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды 2000-2009 азты.