ЦХИНВАЛ, 3 фев – Sputnik. Академик Н.П.Бочковы номыл Медико-генетикон зонадон центры дохтырты бригадæ консультацитæ ауадздзæн Цæгат Ирыстоны сывæллæттæн. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
"Специалисттæ уыдзысты республикæйы 10 февралмæ, уыцы рæстæджы дæргъы сæ нывæсты ис консультацитæ ауадзын 600-мæ æввахс пациенттæн, кæцытæ зæрдæхсайгæ сты генетикон низтæй, кæнæ бæрæггонд диагнозтимæ. Уый фæстæ дохтыртæ ратдзысты æнæмæнгхъæуæг рекомендацитæ хос кæнынæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Медико-генетикон зонадон центры специалисттæ фыццаг хатт не ᾿рцыдысты республикæмæ –регионалон æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадимæ æмгуыстады бадзырд уыд арæзт 2017 азы.
Спиналон-хæцъæфон атрофи (СМА) æмæ фыццагон иммунодефициты скрининты рæстæджы сараздзысты тас кæмæн у ацы низтæй, сывæллæтты ахæм къорд. Уыдон æрвыст æрцæудзысты профилон уагдæттæм, цæмæй сæ диагноз сбæлвырд кæной.