Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта Башар Асадæн Сирийы зæххæнкъуысты фæдыл

Сирийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бæстæйы зæххæнкъуысты амæттæгтæ баисты 237 адæймаджы, бахъыгдард сты 639
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны разамонæг Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта Сирийы президент Башар Асадæн зæххæнкъуысты фæдыл.
"Ацы трагикон сахат тæфæрфæс кæнын дæуæн æмæ Сириаг Арабаг Республикæйы адæмæн зæххæнкъуысты фæдыл, кæцы æрхаста бирæнымæц амæттæгтæ æмæ фехæлдтæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Президенты зæрдæ загъта зианбаййафджытæн, цæмæй тагъд сæнæниз уой.
Турчы Кахраманмараш провинцийы 04.17 сахатыл æрцыд 7,4 магнитудæйы зæххæнкъуыст. Хъусын кодтой фехæлдты тыххæй Турчы горæтты, Сирийы цалдæр регионы, зæххæнкъуыст ма банкъардтой Ливаны столицæ Бейруты.