ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъаххъæнынады министр гвардийы булкъон Марат Павлов басгæрста сæрмагонд нысаниуæджы батальоны кусджыты цæттæкæнынад. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты полигоны Рязаны гвардейаг уæлдæр уæлдæфон-десантон командон ахуыргæнæндоны ахуыргæнджытæ уадзынц ахуыртæ сæрмагонд нысаниуæджы æфсæддонты профессионалон дæсныйад фæуæлдæр кæныны тыххæй.
Министр аныхас кодта инструктортимæ. Радзырдтой йын æфсæддонты цæттæдзинады æмвæзады тыххæй. Нысангонд æрцыдысты бæрзонд бæрæггæнæнтæ Ахуыры рæтæджы.
Марат Павлов бакаст, куыд цæуынц ахуыртæ. Уымæй дарддæр ма министр йæхæдæг афæлвæрдта милмæ æхсын алыхуызон хæцæнгæрзтæй.