Хуссар Иры æртæ адæймаджы бахъыгдард сты ФТЦ фæстиуæгæн ивгъуыд къуырийы - МХМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æрцыд фондз фæндагон-транспортон цауы (ФТЦ) къуырийы дæргъы 30 январæй 5 февральмæ. Республикæйы МХМ пресс-службæ куыд хъусын кæны къуырисæры, афтæмæй æртæ адæймаджы бахъыгдард сты.
Афтæ ма ивгъуыд къуырийы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 300 фæткхæлды. Фондз хæдтулгæйы шофыры фæдыл сарæзтой административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.
Уагдоны бафтыдтой, республикæйы территорийыл фыдракæндтæ регистрацигонд кæй не ᾿рцыдысты.