Турчы хуссайраг хайы Кахраманмараш провинцийы къуырисæры 04.17 сахатыл æрцыд 7,4 магнитудæйы зæххæнкъуыст.
Фæстæдæр сейсмологтæ срегистраци кодтой æртынмæ æввахс афтершокы, боны æмбисы та – ног дæлзæххон риуыгъдтытæ 7,7 магнитудæйы. Зæххæнкъуыст банкъардтой Ливаны, Иракы, Израилы, Гуырдзыстоны, Абхазы, чысыл риуыгъдтытæ сбæлвырд кодтой Сочийы дæр.
Зæххæнкъуыст зиан æрхаста Сирийæн дæр, цы ран, фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, амардысты 700 адæймаджы, фæцæф сты 1430.