Цæгат Иры æвзарынц ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Дзæуджыхъæуы 23 ахуыргæнæджы Цæгат Ирыстоны алыгъуызон скъолатæй ерыс кæнынц ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæджы номыл, хъусын кæны портал Осетия-Ирыстон.
Педагогон дæсныйады конкурс "Ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг" райдыдта Алайнаг гимназы базæйыл.
Мадзал цæуы Уæрæсейы педагог æмæ хъомылгæнæджы азы фæлгæтты æмæ адарддæр уыдзæн 24 февралы онг. Уæлахиздзау хъахъхъæндзæн Цæгат Ирыстоны кад æппæтуæрæсейон конкурсы, кæцы ацæдзæн сентябры Хъæрæсе-Черкесы.
Ивгъуыд аз конкурсы уæлахиздзау уыд Алайнаг гимназы ахуыргæнæг Бекъойты Яна.