ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Транскавказаг магистралыл, кæцы æвзæр боныгъæды тыххæй у æхгæд транспорты алы хуызтæн дæр, ирвæзынгæнджытæ бакодтой хæдтулгæты шофыртæн хъармгæнæн пункт. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости УФ УУМ пресс-службæйыл æнцойгæнгæйæ.
"Цæмæй хæдтулгæты шофыртæ сабырæй ахæссой æвзæр боныгъæд, уый тыххæй Уæрæсейы УУМ ирвæзынгæнджытæ бакодтой хъармгæнæн пункт", - дзырдæуы хъусинаджы.
Банысангонд æрцыд, уыцы пункты æрмæст хъарм нæ, фæлæ дзы цай бацымæн дæр ис.
УУМ бæрæггæнæнæтæм гæсгæ, æввахс суткæйы Цæгат Ирыстоны хæххон бынæтты уардзæн мит.