Гаглойты Алан бабæрæг кодта æхсæнадæмон форум "Продэкспо-2023" Мæскуыйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан кусæгон балцы фæлгæтты Мæскуымæ бабæрæг кодта æхсæнадæмон форум "Продэкспо-2023". Уый тыххæй хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Республикæйы базарадон минæвар Уæрæсейы Таймураз Гогинов радзырдта президентæн, республикæ форумы хайад кæй исы фæндзæм хатт.
"Хуссар Ирыстонæй экспортерты нымæц фылдæр кæны азæй азмæ, егъау федералон хызæгтæ та цæттæ сты æмгуыстадмæ. Ацы аз "Продэкспо"-йы йæ продукци фыццаг хатт бавдыста "Высокогорная кельская пивоварня". Куыстуаты продукци абоны бон стыр цымыдис æвзæрын кæны федералон хызæгтæ æмæ дистрибьютертæм", - загъта уый.
Гаглоев посетил международный форум "Продэкспо-2023" в Москве
Гаглойты Алан банымадта форум уникалон фадатыл, цæмæй Хуссар Ирыстоны амалиуæггæнджытæ рахизой æхсæнадæмон æмвæзадмæ.
"Фæнды мæ бузныг зæгъын сымахæн уæ куысты тыххæй æмæ аккагæй кæй хъахъхъæнут Хуссар Ирыстоны кад. Мах хъуыды кæнæм, куыд зын уыд фыццаг æрнывыл кæнын базайрæгты рауагъдад. Абон не ‘мбæстæгтæ бавдисынц сæ продукци фæзуатыл, цы ран æрæмбырд вæййынц федералон æмæ регионалон хызæгты минæвæрттæ. Абоны бон Хуссар Ирыстоны приоритетон хæслæвæрд у æрбаздахын инвестортæ æмæ инвестицитæ республикæмæ", - загъта президент.
Фæллойадон æнтыстытæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономисты боны фæдыл Джуссойты Константин схорзæхджын кодта Таймураз Гогиновы РХИ хицауады Кады грамотæйæ.
Президентимæ уыдысты хицауады сæрдар Джуссойты Константин, хицауады сæрдары хæдивæг – экономикон райрæзты министр Тадаты Дзамболат, Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр.