Транскам сæхгæдтой уæзласæн хæдтулгæтæн – Хуссар Иры УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады фехъусын кодтой, Транскам кæй сæхгæдтой уæзласæн хæдтулгæтæн. Уагдоны куыд радзырдтой, афтæмæй трассæйыл ис тыхджын митуард, фæндагон службæтæ бавнæлдтой сыгъдæг кæнынмæ.
"Рог хæдтулгæтæн фæндаг кусы хуымæтæг режимы", - бафтыдтой УУМ.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Трассӕ хӕххон бынӕтты кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыстыл цӕхгӕр ӕндавы боныгъӕд.