Æлдар æмæ æхсин уыдысты бирæ бынты хицау. Нæ уыди бакæнæн сæ фосæн: цæуын куы байдыдтаис æлдары зæххыты, уæд бафтыдаис кæркгæстæм, хъазгæстæм, гогызты дзугтæм, дарддæр бахæццæ уыдаис уæтæртæм; уæтæрты фыс-фос, аздахынтæ дæр сæ нæ фæрæзтой фыййæутттæ. Уый фæстæ сæмбæлдаис хъомрæгъæуттыл, бæх рæгъæуттыл. Уыдон – маргъæй, цыппæркъахыгæй, иууылдæр уыдысты æлдары исбон.
Бирæ хъæутæ царди æлдары зæххыл. Стыр хъалон ын фыстой уыдон алы афæдз.
Хæлæг кодтой æлдармæ йе ‘мхуызон адæм.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.