ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы ацыд акци "Балæвар кæн чиныг", кæцы нывонд у чиныг лæвар кæныны Æхсæнадæмон бонæн. Уый тыххæй хъусын кæны ПТРК "Алания".
Мадзалы хайад райстой скъоладзаутæ республикæйы алыгъуызон районтæй.
"Сывæллæттæ дæттынц чингуытæ, кæцытæ сæхæдæг бафарстой, æмæ сæ рекомендаци кæнынц се ‘мбæлттæн. Жанрон арæнæвæрдтæ дзы нæй. Мадзал баххæст кодтой аивадон хайæ – сывæллæттæ бакастысты сæхи фыст прозæ æмæ æмдзæвгæтæ. Акцийы æдæппæт хайад райстой 250-æй фылдæр скъоладзауы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уæрæсейаг скъоладзауты змæлды регионалон хайады координатор Мæргъиты Жанна банысан кодта, акцийы нысаниуæг кæй у æрмæст чингуытæ дæттын нæ, фæлæ ма дзырдлæвæрд, кæй сæ бафæрсдзысты.