Гаглойты Алан радта кадджын ном профессор Къусраты Анатолийӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Къусраты Анатолийӕн кадджын ном "Республикӕ Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр скъолайы сгуыхт кусӕг" раттыны фӕдыл.
"Зонадон-педагогон архайды стыр сгуыхтдзинӕдтӕ ӕмӕ бирӕазон цӕсгомджын куысты тыххӕй раттын кадджын ном "Республикӕ Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр скъолайы сгуыхт кусӕг" Къусраты Анатолий Георгийы фыртӕн – Уӕрӕсейаг зонӕдты академийы Дзӕуджыхъӕуккаг зонадон центры разамонӕгӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.