ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы централон æмæ сывæллæтты библиотекæты кусджытæ ауагътой сфæлдыстадон изæр номдзыд уырыссаг поэт Александр Пушкины мысæнæн. Районы администрацийы пресс-службæйы хистæр Кокойты Анжела куыд радзырдта, афтæмæй поэтикон изæры хайад райстой Пушкины уацмысты уарзджытæ.
"Мадзал сорганизаци кодтой Тыджыты Тамрико æмæ Индира Горгаслидзе. Активон хайад мадзалы райстой куыд библиотекæйы кусджытæ, афтæ Ленингоры уырыссаг скъолайы ахуырдзаутæ дæр. Нысангонд æрцыд, уырыссаг поэзийы гений кæй фæмард дуэлы рæстæджы 1837 азы, фæлæ йе ‘мдзæвгæтæ баззадысты æнæмæлгæ", - загъта Кокойты Анжела.
Мадзалы кæрон бакастысты номдзыд поэты æмдзæвгæтæ. Поселочы цæрæг Бедойты Георгий бакаст уазджытæн йæхи фыст уацмыстæ дæр.
Ленингоры районы администрацийы культурæйы дæлхайады хистæр Жанна Епифанова банысан кодта литературон изæрты ахсджиагдзинад.
"Фидæны ахæм мадзæлттæ районы уагъд цæудзысты арæхдæр", - хъусын кæны Епифановайы ныхæстæ пресс-сулжбæ.