Цардысты иумæ æртæ æфсымæры, уыдонæн сæ кæстæр хуындис Ацæг фæныкгуыз, иугæндзон арты фарсмæ фæнычимæ абухта. Æртæ æфсымæрæн сæ фыд амард, æмæ йæ хъуамæ æртæ æхсæвы бахъахъхъæдтаиккой. Фыццаг æхсæв хъахъхъæдта хистæр æфсымæр. Ацæг йæ фæдыл ахъуызыд, кæсы æмæ хистæр æфсымæр бафынæй. Æмбисæхсæв бæстæ ныттари, уый сау уæйыг сау бæхыл рацæйцыди. Хиды онг æрбахæццæ, йæ бæх хуыррытт байдыдта æмæ размæ нал цыди. Уæйыг зæгъы:
- Размæ ацу, исты дæ размæ фæныкгуыз Ацæг нæ бады!
- Мæ мад, мæ фыдыстæн, уый бады, - загъта бæх.
Сау уæйыг Ацæгимæ кæрæдзийыл сæхи ныццавтой, рахæц-бахæц байдыдтой æмæ уæйыг фæбынæй.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.