Уæрæсейаг æфсæдтæ систой Артемовскы алыварс бæрзæндтæ иууылдæр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Донецкаг Адæмон Республикæйы (ДАР) сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæджы уынаффæгæнæг Игорь Кимаковский "Соловьев Live" эфиры фехъусын кодта, уæрæсейаг дæлхайæдтæ кæй систой Артемовскы алыварс бæрзæндтæ иууылдæр.
"Сæйраг æнтыстытæ махæн ис Артемовскы бын. Нæ хæстонтæ ныридæгæн систой сæйраг бæрзæндтæ. Баззад ма дзы иу къæлидор, кæцы дæр ис нæ хъусдарды бын, уый та æвзæрын кæны зындзинæдтæ ныхмæлæууæджы удæгас тыхтæ æмæ хæстæрмæджытæ æрбаласынæн", - хъусын кæны йæ ныхæстæ РИА Новости.
Й ныхæстæм гæсгæ, Артемовскы здæхтыл ис бирæ фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонтæ.
"Уыдон сты поляккæгтæ, французæгтæ æмæ англисаг æвзагыл дзурæг æфсæддонтæ. Фæзынд дзы дæлхайæдтæ, кæцытæ æрцæуынц Львовæй", - банысан кодта Кимаковский.
Ивгъуыд майрæмбоны ДАР сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Денис Пушилин хъусын кодта, уæрæсейаг тыхтæ кæй æрфидар сты Артемовскы цæгаттаг хайыл.