Адæмон аргъæуттæ. Зæрингуырд æмæ зырнæйзилæг

Sputnik
Зæрингуырд æмæ хъæдæй дæсны (зырнæйзилæг) фæбыцæу сты: алчидæр сæ стыдта йæ куыст.
Хъæдæй дæсны загъта:
- Мæ куыст дæ куыстæй бирæ пайдадæр у дзыллæйæн, ноджы ды дæ куысты уый бæрц нæ арæхсыс, æз куыд арæхсын мæ куысты.
- Уый раст нæу, - загъта зæрингуырд. – Дæ куыст дæуæн ставд куыст у, стæй цы дзаума саразай, уый афтæ бæллиццаг дзаума дæр нæ вæййы: хæзнайы цæстæй йæм ничи акæсдзæн. Мæ куыст мæнæн лыстæн куыст у. Мæ хъуыддаг мæнæн хъæдимæ нæу, - хъæдæй арæхдæр, хъæдæй фылдæр, уымæй æгаддæр дунейыл хъуамæ мацы уа. Æз æдзухдæр архайын зынаргъ æфсæнтимæ (згъæртимæ), æвзист æмæ сыгъзæринимæ; уыдонæй цы дзаума скæнай, уый цы ран нæ фендзынæ, ахæм нæй.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.