Цхинвалы ацæудзæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонæн нывонд равдыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы ацæудзæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонæн нывонд равдыст, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон аивæдты Лицейы сурæтгæнæн аивады дæлхайады хистæр Дзæгъиаты Альбина.
"Равдысты нысан у сахуыр кæнын кæстæр фæлтæрæн раст хæзнатæ, патриотизм, афтæ ма бузныг зæгъын æфсæддонтæн. Æрымысын хъахъхъæнджыты, кæцытæ тох кодтой Фыдыбæстæйы сæраппонд", - загъта Дзæгъиаты Альбина.
Равдысты бавдисдзысты 30 нывы. Алкæцы нывимæ дæр уыдзæн чысыл уацмыс, кæцыимæ базонгæ кæнын фадат уыдзæн бынаты.

"Аивæдты Лицейы ахуырдзауты сæхи бафæндыд равдыст сорганизаци кæнын æмæ йæ ауадзын Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы æнцойæн. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй бирæтæ хъахъхъæнынц уым нæ иумæйаг Фыдыбæстæ", - банысан кодта уый.

Дзæгъиаты Альбинайы ныхæстæм гæсгæ, мадзалы организацийы хайад исынц 5-8 кълæсты скъоладзаутæ.
Равдыст байгом уыдзæн 20 февралы 12 сахатыл, уагъд цæудзæн 20 боны дæргъы. Афтæ ма Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонмæ аивæдты Лицейы нывæндынц ауадзын концертон мадзæлттæ æмæ гом уроктæ.