Авдæй иу æфсымæрæн баззад æртæ лæппуйы. Иу хатт рацыдысты æмæ кауы хуынчъытæй кæсынц, сæ сыхæгтæ чындз æрхастой, æмæ уыдонмæ.
Уазджытæй иу лæг, мæллæг урс згъæр бæхыл, лæппутæм дзуры:
- Цы хæрзиуæг уæ хъæуы?
Хистæр лæппу загъта:
- Бирæ фосыл "ерры" куы кæнин.
Дыккаг загъта:
- Хоры кæритæ дымгæмæ куы дарин.
Æртыккаг та:
- Æз мæ фыды æфсымæрты куы нæ бафæрсон, уæд ницы зæгъдзынæн:
Араст кодта, иу обаумæ бахæццæ. Йæ дуар байгом и, бацыд мидæмæ æмæ дзы иу фыд-зæронд бады. Лæппу йын рахабар кодта йæ хъуыддаг.Æмæ йын зæронд лæг афтæ:
- Æз мæ хистæры куы нæ бафæрсон, уæд ницы уынаффæ бакæндзынæн.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.