ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ радзырдтой къуырийы криминогенон уавæры тыххæй 13-20 февралы.
Афтæ ма ацæугæ къуырийы республикæйы фæндæгтыл регистрацигонд æрцыд иу фæндагон-транспортон цау (ФТЦ).
"ФТЦ æрцыд автофæндаг Цхинвал-Знауыры фыццæгæм километрыл. Хæдтулгæ ВАЗ-2107, рацыд ныхмæлæууæг змæлды тагмæ, сæмбæлдис ВАЗ-2107", - дзырдæуы хъусинаджы.
Банысангонд æрцыд, аварийы фæтиуæгæн дыууæ шофыры дæр кæй баластой рынчындонмæ.
Уымæй дарддæр ма фæндæгтыл фиксацигонд æрцыд 184 фæткхæлды. Æртæ хæдтулгæйы скъæрæджы ныхмæ сарæзтой административон протоколтæ нозтджынæй скъæрыны тыххæй.
Афтæ ма банысангонд периоды республикæйы территорийыл регистрацигонд æрцыд иу фыдракæнд, кæцы раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ. Æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй дзуапп æрдомдтой иу адæймагæй.