Цæгат Иры æрурæдтой наркотиктæ уæйгæнæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 фев - Sputnik. Цæгат Ирыстоны полицийы кусджытæ æрурæдтой Ставрополы крайы цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы наркотикон буарадтæ уæй кæныны, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Горæт Желензноводскы цæрæг æрцыд Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй апарахат кæна "мефедроны" егъау парти. Зæрдæхсайгæйы æрурæдтой Дзæуджыхъæу-Æрыдон фæндагыл.
Хисæрмагонд басгæрсты рæстæджы фæткхалæгмæ ссардтой урс буарад, йæ иумæйаг массæ рацыд 47,5 граммы, уый та фаг у 270 иухаттон дозæйæн.
"Фæткхалæг басаст йæ фыдракæндыл. Уый банысан кодта, кæй фæнд кодта саразын "мефедрон"-ы æмбæхсæнтæ республикæйы. Полицийы кусджытæ ма райстой фыдгæнæгæй дыууæ мобилон телефоны æмæ банкон картæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Наркотиктæ уæйгæджы бакодтой ахæстонмæ.