Цхинвал – Дзау трассæйыл фæндагон змæлд сног кодтой аварийы фæстæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Транскамы хуссарварс хайыл фæндагон змæлд сног кодтой, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Уый размæ Цхинвал – Дзау трассæйыл æрцыд фæндагон-транспортон цау уæзласæн хæдтулгæйы хайадистæй. Шофыр нæ сырæхст скъæрын æвзæр боныгъæды тыххæй, уый фæстиуæгæн йæ хæдтулгæ фæзылд, трассæ та уыд блокгонд.
Цауы бынатмæ ацыдысты УУМ ирвæзынгæнджытæ, магистралы фæндагон змæлд оперативон æгъдауæй сног кодтой.