Путин ныгуылæны политикæйы тыххæй: Уæрæсейæн не сразы сты æдасдзинады гарантитыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 фев - Sputnik. Уæрæсейæн Ныгуылæн комкоммæ æнæразыйы дзуапп радта æдасдзинады гарантиты алы позицийы фæдыл дæр, бæрæг уыд, бонæй-бонмæ тæссагæй тæссагдæр кæй кæны уавæр, радзырдта УФ президент Владимир Путин.

"2021 азы декабры мах официалон æгъдауæй барвыстам АИШ æмæ НАТО æдасдзинады гарантиты фæдыл бадзырдтæ, фæлæ бындурон æппæты ахсджиагдæр позицитæм гæсгæ нын комкоммæ æнæразыйы дзуапп радтой. Уæд бæстонæй рабæрæг ис, агрессивон нывæстытæ реализаци кæныны фæндагыл кæй ныллæуыдысты æмæ нал æрлæудзысты. Тæссаг уавæр тынгдæр кодта," - загъта Путин Федералон Æмбырдæн.

Ацы ныстуан у фыццаг сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй фæстæмæ. Путин æрвылаз рахизы йæ ныхасимæ, 2022 æмæ 2017 йеддæмæ. Уæрæсейаг лидер ивгъуыд азы кæрон бамбарын кодта, цауты динамикæ кæй у интенсивон æмæ фæстиуджытæ хъæуы сфидар кæнын, уый тыххæй та хъæуы анализ æмæ рæстæг, цæмæй раныхас уа бындурон æмæ фундаменталон.
Ныстуан уагъд цæуы Гостиный дворы. Мадзалмæ хуынд сты Кабмины минæвæрттæ, депутаттæ æмæ сенатортæ, æхсæнадон архайджытæ.