УФ сараздзысты фæмардуæвæг хæстонты бинонтæ æмæ СÆО-йы ветерантæн æххуысы фонд – Путин

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин фехъусын кодта йæ раныхасы Федералон Æмбырды раз, кæй сараздзысты адресон æххуысы фæдыл фонд фæмардуæвæг хæстонтæ æмæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) ветерантæн.
Президенты ныхæстæм гæсгæ, уый координаци кæндзæн алкæцы социалон фарсты фæдыл дæр скъуыддзаг, алы адæймагмæ дæр фидаргонд уыдзæн социалон кусæг.
Сæрмагонд фонды арæзтад ветерантæ, æфсæддонтæ æмæ сæ бинонтæн æххуысæн нæ систа бæрндзинад хицауады органтæй, бахахх кодта Владимир Путин.
Афтæ ма президент бахæс кодта снысан кæнын алы æрдæг аз дæр дыууæкъуырион отпуск, фæндаджы рæстæг ма нымайгæйæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæн. Президент зæрдыл æрбалæууын кодта, фронты службæ кæй у тынг уæззау.