Адæмон аргъæуттæ. Æлдары чызг кæнæ дыууæ æрдхорд æлдары. Æртæ цуаноны

Sputnik
Иу хъæуы цард æртæ цуаноны æмæ кæрæдзийæ нæ цух кодтой. Сæ сæрдыгон куыстытæ бакодтой æмæ кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг уайынц "райсом раджы цæуæм". Фæлæ æхсæвы мит уарын байдыдта. Уары, уарын нæ сабыр кæны.
Хъæуы дæллаг кæрон чи цард, уый къонайы фарсмæ бады æмæ усмæ дзуры:
- Бæлæстæ къæрццытæ кæнынц æмæ ардæм, топпы хъæрау, хъуысынц.
Уыс ыл бахудти. Сесæны Уастырджыйы тыххæй анызта. Араст кодта, астæуæй чи цард, уымæ æмæ бадзырдта йæ хæлар цуанонмæ.
Ус æм рауад æмæ афтæ:
- Дысон бонмæ йæм мардмæ бадæгау бадын, æмæ йæ ныууадз.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.