ЦХИНВАЛ, 27 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Къуырисæры номдзыд ирон фыссæг æмæ ахуыргонд Джусойты Нафийыл сæххæст уыдаид 98 азы. Йæ сфæлдыстадæн, кæцы ныууагъта æнустæм фæд ирон æвзаг æмæ литературæйы историйы, кад æмæ аргъ кæнынц æппæт ирон адæм.
Джусойты Нафи райгуырд 1925 азы 27 февралы Дзауы районы Ногхъæуы зæхкусæджы бинонты хсæн. 16-аздзыдæй бацыд бархионæй сырх æфсадмæ æмæ йæ рæнхъыты уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фондз аз æнæхъæнæй. Уый уыд поэт-академик, Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты сæйраг зонадон кусæг, каст лекцитæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетты.
Нафи рауагъта 400 зонадон куыстæй фылдæр, уый нымæцы 12 монографи, ирон литературæйæ ахуыргæнæн чингуытæ, литературон терминты дзырдуат, "Ирон литературæйы историйы" дыууæ томы. Уый ратæлмац кодта ирон æвзагмæ уырыссаг, украинаг, гуырдзиаг классикты, уый нымæцы А. Пушкины роман "Евгений Онегин". Джусойты Нафийы чингуытæ тæлмацгондæй мыхуыры рацыдыдсты уырыссаг, гуырдзиаг, украинаг, польшæйаг æмæ казахаг æвзæгтыл. Нафи бахаста егъау хайбавæрд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады рæзтмæ, цалдæр хатт æвзæрст æрцыд республикæйы закондæттæн органы депутатæй. Хæрзæхджын у "Кады нысан"-ы орденæй. У Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат.
Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдисы сæргълæууæг Хъазиты Мелитон бахахх кодта, Джусойты Нафийы райгуырд кæй æрхаста амонд Ирыстонæн.
"Нафи цы бон райгуырд, уый уыд æцæг амондджын бон æппæт Ирыстонæн. Уый бахаста егъау хайбавæрд ирон æвзаг æмæ литературæйы райрæзтмæ. Нафийы уацмыстæ сты алыхуызон тематикæйыл, кæцыты æхсæн хицæнæй лæууынц мад æмæ Фыдыбæстæйы темæтæ", - банысан кодта уый.
Æцæгдæр, Джусойты Нафи бирæ арæзта Ирыстонæн. Нафийы æввахс æмгар Бестауты Георгийы чызг Бестауты Зæлинæ куыд банысан кодта, афтæмæй куыст уыд фыссæджы сæйраг зæрдæрард.
Бестауты Зæлинæ ма бафтыдта, зæгъгæ, Нафи алыхаттдæр ныхас кодта адæмимæ æмбарæй.
Джусойты Нафи йæ цардæй ахицæн 26 июны 2017 азы 93-аздзыдæй.
Джусойты Нафи уыд фыццаг адæймаг, кæцыйы бавæрдтой Хуссар Ирыстоны Националон пантеоны. Нафийы цыртдзæвæны официалон баконд Пантеоны ацыд 27 июны 2019 азы.
Номдзыд фыссæджы ном радтой Цхинвалы уынгтæй иуæн. Афтæ ма Нафийы ном хæссы æрвылазон националон литературон преми.