Медведев схуыдта Хъырым ӕмӕ Хуссар Ир "ӕнӕраздахӕн кӕрон" Ныгуылӕнимӕ ахастыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik. Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады советы сӕрдары хӕдивӕг Дмитрий Медведев фӕндвидарӕй зӕгъы, Ныгуылӕны сонт ахаст Хъырымы республикӕйы ӕрбаиу УФ скондмӕ, афтӕ ма ныгуылӕны бӕстӕтӕ Гуырдзыстоны агрессийы ᾿вварс кӕй кӕнынц Хуссар Ирыстоны ныхмӕ, уый ӕппынфӕстагмӕ кӕны ӕнӕраздӕхӕн кӕронмӕ.

"Ӕнӕраздӕхӕн кӕрон"-ыл ӕмбӕлы нымайын дыууӕ датӕ. Фыццаг – фӕззӕг 2008-ӕм аз. Уӕд Ныгуылӕны бӕстӕтӕ балӕууыдысты Гуырдзыйы агрессийы ӕнцой ирон адӕмы ныхмӕ ӕмӕ уӕларвмӕ схастой наркоман ӕмӕ авантюристы, кӕцыйы фӕстӕдӕр адде кодтой ӕрмӕст йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕцӕгӕлонæй, - лыгъд кӕдӕм уыд, уырдыгӕй дӕр. Уӕд агрессорӕн цырд ӕмӕ хъӕбӕр ныхкъуырд раттой. Дыккаг фӕзилӕн цау – уалдзӕг 2014-ӕм азы, Хъырымы адӕмтӕ ӕнустӕм куы бафидар сты сӕ историон Райгуырӕн бӕстӕимӕ, сӕ фӕндон закъонон референдумы кӕй рахастой, уый фӕстиуӕгӕн", - ныффыста Медведев йӕ уац газет "Известия"-йы.

Медведев банысан кодта, сæ "удисæнтæ кæй тыхджындæр кæнынц фæстæзад русофобийы æмæ ногсæвзæргæ Франкинштейны фæзынд Украинæйы хуызы - сæрмагонд "Антиуæрæсе", уый тыххæй фыста нæ бæстæйы президент дæр.
Уый ма бахахх кодта, растдӕр уыцы "ӕдылы сонтдзинад" ӕмӕ "тӕфсагдзинадон бӕллиц аскъуыдтӕ кӕнын" Уӕрӕсейы боны фӕстагмӕ æркодтой Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцимӕ.