ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, Америкæйы иугонд штаттæ (АИШ) кæй фæнд кæнынц сорганизаци кæнын Украинæйы провокаци токсикон буарадтæй пайдагæнгæйæ, цæмæй фæазымджын кæной Уæрæсейы.
"Мах сбæлвырд кодтам токсикон химикаттæ æмæ хъахъхъæныны фæрæзты æрбаласты цаутæ, кæцыты руаджы уыдон фæнд кæнынц сæххæст кæнын егъау провокацитæ хæстон психотропон хъæстæгæнæн буарад "Би-Зет"-æй пайдагæнгæйæ конфликты рæстæджы", - фехъусын кодта брифингыл Уæрæсейы Гарзджын тыхты радиацион, химикон æмæ биологон хъахъхъæнынады æфсæдты хистæр Игорь Кириллов.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, 10 февралы горæт Краматорскмæ æрцыд поезд химикон буарадтимæ, федтой дзы фæсарæйнаг гоймæгты къорд дæр.
Афтæ ма Краматорскмæ 19 февралы æрцыдысты 11 вагоны шрапнелон хæстæрмæджытимæ.
Уымæй дарддæр НАТО нывæнды æрласын Украинæмæ хъахъхъæныны фæрæзты егъау парти, радзырдта Кириллов.