Дзæуджыхъæуы уынгты цæуынц санитарон куыстытæ – цæгъдынц бæлæстæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Цæгатирыстойнаг столицæйы уынгтыл цæуынц санитарон куыстытæ бæлæстæ цæгъдын æмæ лыг кæныны фæдыл, хъусын кæны Дзæуджыхъæуы АМС пресс-службæ.
Банысангонд æрцыд, санитарон æгъдауæй ранæуæг кæнынæн бæлæстæ цæгъддзысты Куйбышевы уынгыл Таматы уынгæй Маркусы уынджы онг. Æртæ аварион бæласы хъуамæ ракæной – мидæгæй бамбыдысты æмæ дымгæмæ гæнæн ис йæ хъæд асæтта. Æввахс рæстæджы сæ бынаты ныссаддзысты каштан æмæ сусбæласы нæуæг талатæ.
Нæуæг талатæ ныссадзын ма нывæсты ис Куйбышевы, Крыловы, Дзанайты æмæ Ростовскийы уынгтыл.