Хуссар Ир æмæ Абхазы МХМ сæргълæуджытæ æрныхас кæндзысты æхсæнуагдонон æмгуыстадыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы МХМ сæргълæуджытæ Гæззаты Валерий æмæ Вальтер Бутба æрныхас кæндзысты Цхинвалы æхсæнуагдонон æмгуыстадыл, хъусын кæны дыццæджы хуссарирыстойнаг барадхъахъхъæнæг уагдоны пресс-служба.
Абхазаг делегаци бæстæйы мидхъуыддæгты министр Вальтер Бутбайы сæргълæудæй æрцæудзæн дыццæджы, 1 марты.

"Уагдæтты къухдариуæггæнжытæ æрныхас кæндзысты профилон дæлфадгуыты фæлтæрддзинадыл, иумæйаг мадзæлттыл фыдракæндтимæ тохы фæдыл, афтæ ма паддзахадты æдасдзинады æмвæзад фæуæлдæр кæныныл", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уымæй дарддæр делегацийы балцы фæлгæтты уыдзæн дидинтæ сæвæрыны мадзал "Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ" мемориалон комплексмæ, афтæ ма бацæудзысты Националон музеймæ дæр.