Транскамыл рацыд зæй, фæндагон службæйы куысджытæ рацыдысты сыгъдæг кæнынмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Транкамыл Уанелы хъæумæ æввахс трассæйыл æрцыд миты зæй. УУМ пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй фæндаджы ацы бынат рæстæгмæ у æхгæд.
Бынатмæ ацыдысты фæндагон службæйы кусджытæ трассæ ссыгъæг кæнынмæ.
Транскавказаг автомагистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл арæх фæзынынц проблемæтæ миты æмæ цъыфы зæйты тыххæй.