Хуссар Иры Гарзджын тыхты дыууæ æфсæддоны адавтой æртаджы станцæй æхцатæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æфсæддон прокуратурæ барвыста Цхинвалы районон тæрхондонмæ уголовон хъуыддаг республикæйы Хъахъхъæнынады министрады дыууæ æфсæддоны фæдыл. Уый тыххæй хъусын кæны Генпрокуратурæйы пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, æфсæддонты кæй æрбаздахтой уголовон бæрндзинадмæ æртаджы станц "Приоритет"-æй æхцайы фæрæзтæ адавыны тыххæй 17 декабры 2022 азы.