РБМЦ радзырдтой фæцæфуæвæг сывæллоны уавæры тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Æхст сывæллоны уавæр у стабилон уæззау. Республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ) сæйраг дохтыры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Луиза куыд фехъусын кодта, афтæмæй лæппу æрчъицыдта, рахызт шокæй æмæ ныхас дæр кодта.
Цау æрцыд Хуссар Ирыстоны столицæйы дыццæджы – æхстыты рæстæджы мæлæтдзаг цæф фæцис Цхинвалы цæрæг. Уымæй дарддæр зиан баййæфта фæмардуæвæджы æнахъом саби – баластой йæ РБМЦ-мæ.

"Сывæллоны æрбаластой хæцæнгарзæй гуыбыны æмæ рахиз цонджы цæфимæ. Операци йын скодтой – æфхæрд баййæфтой йæ игæр æмæ ставд тъанг", - загъта ныхасæмбал.

Сывæллоны даррдæр хос кæнынмæ арвыстой республикæйы арæнтæй.