Фæндагон службæтæ сыгъдæг кæнынц зæйтæй трассæ Цхинвал – Къуайса

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) фехъусын кодтой, чысыл зæйтæ кæй æрцыд Цхинвал – Къуайса фæндаджы æртыккæгæм километрыл.
Уагдоны куыд радзырдтой, афтæмæй фæндагон службæтæ бавнæлдтой трассæ сыгъдæг кæнынмæ.
Уый размæ хъусын кодтой, фæндагон слубæтæ кæй сыгъдæг кæнынц трассæ зæйтæй, кæцытæ æрцыдысты Транскамы хуссарирыстойнаг фадыгыл.