Хуссар Иры мотоæхсджытæ фылдæр кæнынц сæ хæстон цæттæкæнынады æмвæзад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады мотоæхсæн батальонæн уагъд цæуынц ахуыртæ тактико-сæрмагонд цæттæкæнынадæй быдырон уавæрты.
Ахуырты нывæстмæ гæсгæ, æфсæддонтæ кусынц ахæм приемтыл, куыд разбабадын, размæбырст, къорды ацыд æмæ æндæртæ. Уæлдай хъусдард здæхт цæуы къорды сконды архæйдтытæн.
Уый размæ дæлхайады æфсæддонтимæ ауагътой теоретикон ахуыртæ ацы тематикæйы фæдыл.
Хуссар Иры ХМ цыты караулы ротæйы æфсæддонтæ хуыздæр кæнынц сæ дæсниад