Гъе-мардзæ, исчи!

44. КÆЛИМÆТЫ ЦАРД КУЫРОЙЫ

Sputnik
арæзт куыройы, нæзыты цырагъы мынæг рухсмæ бады Кæлимæт...
... Цæмæй цæры, куыд æрвиты йæ бонтæ, уымæн бæстон-бæлвырд ничи ницы кæны, æрмæст дыууæ адæймагæй фæстæмæ. Уыдон та уыдысты Солым æмæ Ацырухс. Кæлимæты æнамонддзинады, æвæццæгæн, Ацырухсы хуызæн ничи фæрысти. Æнамонд усы хъыс­мæт ын йæ зæрдыл æрлæууын кодта йæ ивгъуыд удхайраг фæсмойнадæы бонтæ. Уымæн дæр йæ цард, ногдзыд дидинæгау, йæ тæккæ райдианы ацъæх, æрхаудта адæмы къæхты бынмæ æмæ йыл æгъатырæй сæ къæхтæ сæрфын райдыдтой. Ничи йæ систа, ничи æрбалæууыд йæ тыхсты бон йæ фарсмæ. Æмæ уæдæй нырмæ саст зæрдæ нал дзæбæх кæны.
Фæхудинаг Кæлимæт, фæлæ цæмæн? Цы йæ æртардта ахæм ранмæ? Уымæй йæ ничи бафæрсы, сæхи йыл атигъ кодтой.
Æмæ дын иу æхсæв йæ дæлармы хæринæгтæ хызыны мидæг, афтæмæй куы фæзынид куыроймæ Ацырухс. Æмæ-иу уæдæй фæс­тæмæ къуыри иу хатт, дыууæ хатты, хъæу йæ тæккæ фынæймæ куы бахæццæ, уыцы рæстæджы Ацырухс куыройы дуар бахоста.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.