ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны депутаттæ бабæрæг кодтой Горæтгæрон районы социалон ахсджиаг объекттæ.
"Горæтгæрон район ссис депутатон куысты ног форматы реализацийы радон фæзуат – Советы рацæугæ рабадт, кæцыйы фæлгæтты парламентаритæ районон хицауады минæвæрттимæ æрдзырдтой бюджетон политикæ, ахуырад, культурæ, фæсивæдон политикæ, хъæууон хæдзарад, ЦКХ æмæ æндæр къабазты фарстытыл", - хъусын кæны закъондæттæг органы пресс-службæ.
Парламентон комитетты разамонджытæ ацæуынц районтæм æмæ æркæсынц проблемæтæм ахуырад, культурæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, фæндагон арæзтад, транспорт, аграрон къабазы проблемæтæм. Районы аразынц æмæ цалцæг кæнынц скъолатæ, сабидæттæ, амбулаторитæ, Культурæйы хæдзæрттæ, фæндæгтæ, улæфæн зонæтæ, сывæллæтты æмæ спортивон фæзуаттæ.
Парламентаритæ бабæрæг кодтой фельдшерон-акушерон пункттæ æмæ амбулаторитæ дæр, афтæ ма сабидон æмæ музыкалон скъола.