Цæгат Иры УУМ бафæдзæхстой зæйтæ æрцæуыны тæссагдзинадæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Цæгат Иры хæххон районты æввахс суткæйы дæргъы уыдзæн зæйтæ æрцæуыны тæссагдзинад, хъусын кæны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Дыккæгæм марты 18 сахатæй æртыккæгæм марты 18 сахаты онг Цæгат Ирыстоны хæххон районты уыдзæн зæйтæ æрцæуыны тæссагдзинад", - банысан кодтой уагдоны.
УУМ зæрдыл æрбалæууын кодтой цæрджытæн хидарыны фæтктæ зæйтæ æрцæуыны бынæтты.