ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Латвийы тæрхондон ныууагъта Sputnik Литвайы шеф-редактор Марат Касемы ахæстоны ноджы дыууæ мæймæ, хъусын кæны Sputnik Литвайы Telegram-канал.
"Тæрхондон аиуварс кодта апелляци Sputnik Литвайы шеф-редакторы ахæсты фæдыл. Марат Касем баззайдзæн Ригайы централон ахæстоны ноджы дыууæ мæймæ, уый фæстæ ногæй гæнæн ис бадæттын апелляци", - дзырдæуы хъусинаджы.
Январы æмбисы Ригайы тæрхондон ныууагъта ахæсты Sputnik Литвайы шеф-редактор Марат Касемы, кæцыйы æрурæдтой Латвийы. Касем у Латвийы æмбæстаг, цалдæр азы дæргъы цæры æмæ кусы Мæскуыйы медиакъорд "Россия сегодня"-йы, уырдæм хауы Sputnik Литва дæр. 2022 азы 30 декабры журналист æрцыд Латвиямæ бинонты хабæртты фæдыл. Sputnik Литва куыд фехъусын кодта, афтæмæй Касемы æрурæдтой, 5 январы та йæ тæрхондон бакодта ахæстонмæ. Журналисты ныридæгæн ракодтой Ригайы Централон ахæстонмæ.