Транскам къуырисæры нæ байгом уыдзæн – Хуссар Ирыстоны УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Транскам къуырисæры нæ бакæндзысты, фехъусын кодтой Sputnik абон райсомæй Хуссар Иры УУМ радгæсон хайады.
Трассæйы Ручъы тоннелы дыууæ ᾿рдыгæй дæр уары мит.

"Зæйтæ æрцæуыны тыххæй информаци нæй", - бафтыдта радгæсон.

Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.