ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу басгæрста Донбассы инфраструктурæ сцалцæг кæнын фæдыл куыст. Уый тыххæй хъусын кæны хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
"Донецкаг Адæмон Республикæйы горæт Мариуполы уæрæсейаг æфсæддон уагдоны сæргълæууæг басгæрста аразгæ объектты цæттæдзинад", - дзырдæуы хъусинаджы.
Шойгуйæн бавдыстой бирæфункцимоналон медицинон центр, УУМ республикон центр æмæ ног микрорайон, кæцыйы ис 12 фондзуæладзыгон хæдзары.
Афтæ ма Хъахъхъæнынады министрады разамонæгæн радзырдтой Уæрæсейы Федералон медико-биологон агентады нырыккон комплекс, ног микрорайон æхсæз фарастуæладзыгон бирæфатерон хæдзарæй, скъолатæ æмæ сабидæтты арæзтады тыххæй Мариуполы.
Уымæй дарддæр Шойгу байхъуыста докладмæ доны хæтæлы арæзтады тыххæй, кæцы иу кæны Ростовы област Донецкаг Адæмон Републикæимæ.