Хуссар Иры УУМ схорзæхджын кодтой сылгоймаг кусджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) ацыд мадзал, кæцы нывонд уыд Сылгоймæгты æхсæнадæмон бонæн.
УУМ сæргълæууæг Гассеты Ибрагим раарфæ кодта сылгоймаг кусджытæн бæрæгбоны цытæн æмæ схорзæхджын кодта къорд кусджыты уагдонон хорзæхтæй – майдантæй "За отличие в службе" æмæ грамотæтæй. Афтæ ма бæрæгбоны цытæн æмæ иттæг хорз службæйы тыххæй радтой радон сæрмагонд нæмттæ.
Паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Аланы барамындæй УУМ къорд кусджыты схорзæхджын кодтой майданæй "За службу на страже мира в Южной Осетии", Кады грамотæтæй æмæ Бузныджы фыстæджытæй.
Хуссар Иры УУМ схорзæхджын кодтой сылгоймаг кусджыты