Мамиты Олегы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой майданæй "Во Славу Осетии"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 мар – Sputnik. Интернационалон батальон "Пятнашка"-йы командæгæнæг, дæлбулкъон Мамиты Олегы (сидæн "Мамай") мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой майданæй "Во Славу Осетии". Æмбæлон барамынд бафыста Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Уæрæсейаг бархионы бинонтæн хорзæх радта республикæйы сæргълæууæг.
"Æз зонгæ уыдтæн Олегимæ. Ирыстоны историмæ уый бацыд куыд æцæг хъайтар. Йæхи æвдыста хъæбатыр хæстонæй. Мах æй хъуыды кæнæм æмæ дзы сæрыстыр стæм", - хъусын кæны Меняйлойы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Мамиты Олег райгуырд 1977 азы 12 декабры Дзæуджыхъæуы. 2008 азы августы хайад иста Хуссар Ирыстоны хӕсты. Донбассмӕ ацыд 2014 азы. Ацы бонты Донецкаг Адӕмон республикӕйы президент Александр Захарченко рахаста уынаффӕ, цӕмӕй Мамиты Олегӕн радтой ДАР хъайтары ном. Олегӕн баззад бинойнаг ӕмӕ дыууӕ фырты.