Цхинвалы ацыд Сылгоймæгты æхсæнадæмон бонæн нывонд бæрæгбонон концерт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. Цхинвалы дыццæджы ацыд Сылгоймæгты æхсæнадæмон бонæн нывонд бæрæгбонон концерт.
Мадзал сорганизаци кодта культурæйы министрад æмæ ацыд Паддзахадон драмон театры бæстыхайы.
Цхинвалы ацыд Сылгоймæгты æхсæнадæмон бонæн нывонд бæрæгбонон концерт
Президент Гаглойты Аланы номæй сылгоймæгтæн раарфæ кодта президенты администрацийы разамонæг Джиоты Алан.
"Æнусты дæргъы ирон сылгоймаг уыд æгъдау æмæ уæздандзинады идеал. Хæдзары арфæ, артдзæсты фарн, бинонты бæркад æмæ къахвæндаджы амонд æнгом баст сты сылгоймагимæ. Уæ куырыхондзинад æмæ уды хъомыс махæн æххуыс кæнынц царды æппæт зындзинæдтæ басæттын", - дзырдæуы арфæйы телы.
Цхинвалы ацыд Сылгоймæгты æхсæнадæмон бонæн нывонд бæрæгбонон концерт
Афтæ ма президент бузныг загъта мæдтæн, кæцыты хъæбултæ сты сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) зонæйы.
"Мæ сæрæй ныллæг кувын сылгоймæгтæн, кæцытæ схъомыл кодтой хъæбатыр хъæбулты, æмæ уыдон ныр хъахъхъæнæнынц нæ райгуырæн бæстæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы", - бафтыдта уый.
Мадзал адарддæр ис бæрæгбонон концертæй, кæцыйы рæстæджы ралæууыдысты Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Гатыгкоты Нина, хореографион ансамбль "Ирон", гимнази "Альбион"-ы ахуырдзаутæ, скъола-студи "Кафт" æмæ æндæртæ.
Цхинвалы ацыд Сылгоймæгты æхсæнадæмон бонæн нывонд бæрæгбонон концерт