Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайады хатдзæгтæ скодтой февралы ауадзгæ рейдтæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы ивгъуыд мæйы дæргъы уагъд цыдысты рейдон мадзæлттæ. Уыдон фæстиуæгæн сарæзтæуыд 174 административон протоколы фæндагон змæлды фæтктæ фехалыны фæдыл.
"Уыдонæй 96 протоколы сарæзтой автотранспорт æнæ æмбæлон документтæй скъæрыны тыххæй, фондз – автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй, æртæ – ныхмæцæуæн фæндагмæ рахизыны тыххæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Профилактикон рейдон мадзæлттæ уадзынц Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ фæндагон змæлдты фæткхæлдты профилактикæйæн.